ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр. Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ.