1
Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:9
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды.
Compare
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:9
2
Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:6
Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:6
3
Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:8
Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:8
4
Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:7
Дунедарӕг уӕ, иннӕ адӕмтӕй фылдӕр кӕй стут, уый тыххӕй нӕ бауарзта ӕмӕ нӕ равзӕрста, мыййаг. Уый уӕ, адӕмты ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр кӕй стут нымӕцӕй, уымӕн равзӕрста.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:7
5
Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:14
Адӕмты ’хсӕн ӕппӕты арфӕгонддӕр сымах уыдзыстут: нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр, цот кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, нӕдӕр хуыскъ фос.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:14
Home
Bible
Plans
Videos