Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ. Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.