Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы. Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.