YouVersion Logo
Search Icon

Титмӕ 2

2
Раст ахуырад
1Ды та амон, раст ахуырад куыд домы, афтӕ.#Тит 1:3. 2Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон. 3Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,#1 Тим 2:9. 4ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты, 5уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.#Эф 5:22. 6Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл. 7Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад — мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.#1 Пет 5:3; 1 Тим 4:12. 8Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.#1 Пет 2:12.
9Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын архайой сӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,#1 Пет 2:18; Эф 6:5; Кол 3:22. 10сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ се ’ппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.
11Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх#Лк 1:47; 2:30; 3:6; Тит 3:4. 12ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.#1 Ин 2:15; Эф 1:4. 13Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.#Хъуыд 24:25; 1 Ин 3:2. 14Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.#Гал 1:4; Эф 2:10; Дзут 9:14.
15Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа.

Currently Selected:

Титмӕ 2: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in