Ромӕгтӕм 14
14
Тыхджынтӕ ӕмӕ лӕмӕгътӕ
1Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй йемӕ быцӕуыл ма ныллӕуут.#Ром 15:1; 1 Кор 8:12. 2Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.#1 Кор 10:25. 3Чи хӕры, уый ӕнӕввӕрсон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; чи нӕ хӕры, уый тӕрхонгӕнӕг ма уӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта. 4Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд — уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у уый йӕ къахыл слӕууын кӕнын.#Йак 4:12.
5Чидӕр иу бон иннӕ бонӕй ахсджиагдӕрыл нымайы, иннӕмӕн та бонтӕ ӕмхуызон сты. Уадз ӕмӕ алчидӕр иузӕрдионӕй баззайӕд, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл.
6Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.#1 Кор 10:31; 1 Тим 4:4. 7Махӕй йӕхицӕн ничи цӕры ӕмӕ йӕхицӕн ничи мӕлы.#1 Пет 4:2; 2 Кор 5:15; 1 Фес 5:10. 8Кӕд цӕрӕм, уӕд Бардарӕгӕн цӕрӕм, кӕд мӕлӕм, уӕд Бардарӕгӕн мӕлӕм. Уӕдӕ цӕргӕ ӕви мӕлгӕ кӕнӕм — кӕддӕриддӕр Бардарӕджы стӕм. 9Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.#Мт 28:18; Хъуыд 10:42. 10Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де ’фсымӕры? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм.#Мт 7:1-2; 2 Кор 5:10.
11Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъдӕуы:
«Ӕз цардӕгас дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, —
Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн
алы адӕймаг дӕр,
ӕмӕ алы ӕвзаг дӕр стаудзӕни Хуыцауы».#Мт 26:64; Флп 2:10.
12Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй.#Мт 12:36.
Уе ’фсымӕрты ма рӕдийын кӕнут
13Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн тӕрхон мауал кӕнӕм. Уый нӕ, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бацӕуа.#Мт 18:7. 14Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.#Мт 15:11. 15Фӕлӕ кӕд, де ’фсымӕрӕн, цыдӕр хойраг кӕй хӕрыс, уый хъыг у, уӕд, уарзондзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ дӕ хойрагӕй, Чырысти кӕй тыххӕй амард, уыцы ӕфсымӕры ма саф.#1 Кор 8:11.
16Архайут, цӕмӕй, сымах хорзыл цы нымайут, уый мачи бафауа. 17Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.#1 Кор 8:8; Гал 5:22. 18Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
19Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ. 20Хойраджы тыххӕй Хуыцауы хъуыддаг ма хал. Алы хойраг дӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ хойраджы тыххӕй искӕй чи фӕкӕлын кӕны, уый ӕвзӕрдзинад аразы.#Мт 15:11. 21Фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, ахӕмӕй дӕр мацы кӕн. 22Тӕхудиаг у, фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды, уый чи кӕны, ахӕм адӕймаг.#1 Ин 3:21. 23Исты хӕры, фӕлӕ уыцы рӕстӕг, хӕрын ын ӕй фӕччы ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг чи кӕны, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕ уа, уый та нысан кӕны тӕригъӕды бацӕуын.#Тит 1:15.
24Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы Фарны Уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд — уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди,#1 Кор 2:7. 25ныр та раргом ис. Мыггагмӕйы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы хъуыстгонд ӕрцыди ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ кӕсын райдайой Хуыцауы коммӕ.
26Иунӕг Ӕппӕтзонӕг Хуыцауӕн Йесо Чырыстийы фӕрцы кад уӕд ӕнустӕм. Аммен.
Currently Selected:
Ромӕгтӕм 14: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022