Дзуттӕгтӕм 4
4
1Уӕдӕ, Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуыны зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ нӕм тас уӕд уыцы ӕнцойадӕй ӕнӕхай фӕуынӕй. 2Уымӕн ӕмӕ, Фарны Уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ сын, цы ныхас фехъуыстой, уый пайда не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.#1 Пет 1:12. 3Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ уымӕн цӕуӕм уыцы ӕнцойадмӕ, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта:
«Ӕз Мӕ мӕстӕй расомы кодтон:
уыдон Ме ’нцойадмӕ
никуы бацӕудзысты».
Хуыцау, дуне куы сфӕлдыста, уӕд арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ.#Дзут 3:11.
4Уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй иу ран афтӕ загъд ис: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау ӕрӕнцад Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй».
5Уыимӕ ма ноджыдӕр загъд ис: «Уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты». 6Чидӕртӕ та йӕм нырма бацӕуинаг сты. Фарны Уац раздӕр чи фехъуыста, уыдон ӕм сӕ хивӕнды аххосӕй нӕ бацыдысты. 7Уымӕ гӕсгӕ та Хуыцау снысан кодта ног афон — «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды уылты, уӕлдӕр кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы ныхӕстӕ:
«Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».#Дзут 3:7-8.
8Нуны фырт Йешуа сын ӕнцой куы радтаид, уӕд уый фӕстӕ ӕндӕр боны тыххӕй дзырд нал цыдаид. 9Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.#Ӕрг 7:14; 14:13. 10Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыди, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцади йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ. 11Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.
12Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.#2 Кор 10:4; Эф 6:17; Ӕрг 1:16. 13Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.
Стыр Алчер Чырысти
14Махӕн ис, уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр Чи ссыди, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ мах хъуамӕ фидар хӕцӕм, ӕргомӕй кӕуыл ӕууӕндӕм, уыцы ӕцӕгдзинадыл.#Дзут 6:20. 15Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.#Дзут 2:17. 16Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.#Ром 3:25; Эф 3:2.
Currently Selected:
Дзуттӕгтӕм 4: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: