Колоссӕгтӕм 2
2
1Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ, лӕгӕй-лӕгмӕ мӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый. 2Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзиуыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад — Чырыстийы.#Флп 3:8. 3Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.#1 Кор 1:30. 4Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй. 5Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл.#1 Кор 5:3.
Чырыстон цард
6Уӕдӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон. 7Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг.#1 Кор 1:5; Эф 3:7.
8Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.#Эф 5:6; Дзут 13:9.
9Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.#Ин 1:14; Кол 1:19. 10Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы.#Эф 1:22. 11Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй.#Ром 2:29; Гал 3:27. 12Аргъуыд исгӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.#Ром 6:4; Эф 1:19. 13Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр,#Эф 2:1. 14аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон — байтыгъта йӕ дзуарыл.#Эф 2:15. 15Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз.#Эф 4:8; Дзут 2:14.
16Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.#Ром 14:6. 17Уыдӕттӕ, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕн йӕ фӕлгонц йеддӕмӕ ницы сты, ӕцӕгдзинад та Чырысти у.#Дзут 10:1. 18Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.#2 Кор 11:14. 19Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.#Эф 4:15.
Ног цард
20Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ:#Ром 7:4. 21«Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»? 22Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕ дзурынц се спайда кӕныны фӕстӕ аппарынӕй уӕлдай чи ницӕмӕнуал фӕбӕззы, уыцы дзауматыл.#Мт 15:9. 23Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрмӕстдӕр ӕддаг бакастӕй зынынц зондджын, сӕхи ӕрхъуыдыгонд лӕггадимӕ, сӕрныллӕгдзинадимӕ, буар ӕнӕхъуаджы хъизӕмаримӕ, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.
Currently Selected:
Колоссӕгтӕм 2: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022