2 Тимофеймӕ 1
1
1Павелӕй — Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол чи у, уымӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй бавӕрдта, уый тыххӕй фехъусын кӕнынмӕ — уыцы цард лӕвӕрд цӕуы Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы. 2Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ.
Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ!
Бузныджы куывд
3Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.#Флп 3:3. 4Дӕ цӕссыгтӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ бафӕнды дӕ фенын, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг уа цинӕй. 5Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы дӕ мадымад Лоидӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕйы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.
6Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.#Хъуыд 6:6. 7Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.#Ром 8:15; Дзут 2:15. 8Уӕдӕ нӕ Бардарӕджы тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый ӕфсӕрмиагыл ма нымай, стӕй, ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мемӕ иумӕ тухӕн кӕн Фарны Уацы сӕраппонд.#Мт 10:33. 9Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,#Эф 1:4; Тит 3:5. 10ӕргом та абон раци — нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ Фарны Уацы руаджы ӕрхаста мыггагмӕйы цард.#1 Пет 1:20; Ром 14:25; Эф 3:9; Кол 1:26; Тит 1:2. 11Уыцы Фарны Уацы фидиуӕг, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕг сдӕн ӕз Хуыцауы фӕндӕй!#1 Тим 2:7. 12Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
13Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зонды хос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.#1 Ин 2:24; Ром 6:17. 14Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.#1 Тим 6:20; Ӕрг 3:11.
Апостолы ӕмкусджытӕ
15Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.
16Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.#2 Тим 4:19. 17Уый нӕ, фӕлӕ, Роммӕ куы ӕрцыд, уӕд мӕ агуырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ мӕ ссардта. 18Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.#Мт 25:34.
Currently Selected:
2 Тимофеймӕ 1: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: