2 Фессалоникӕгтӕм 1
1
1Павел, Силуан ӕмӕ Тимофейӕ — Хуыцауы, нӕ Фыды, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фессалоникаг аргъуанмӕ.
2Хорзӕх ӕмӕ уын фарн Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ
3Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.#1 Фес 1:2. 4Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уый тыххӕй мах уӕ хорзы кой кӕнӕм Хуыцауы ӕппӕт иннӕ аргъуанты дӕр.
5Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕнис, уымӕн, ӕмӕ сымах нымад ӕрцӕудзыстут, хъизӕмар кӕй сӕраппонд кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахады аккагыл.#Ром 8:17. 6Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.#Ром 2:8. 7Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд. 8Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.#Дзут 12:29. 9Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй, 10куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.
11Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг скӕна, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз фӕндиӕгтӕ ӕмӕ, уырныдзинады бындурыл цы хъуыддӕгтӕ аразут, уыдон. 12Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Бардарӕг Йесойы ном ӕмӕ, нӕ Хуыцау ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.
Currently Selected:
2 Фессалоникӕгтӕм 1: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022