2 Коринфӕгтӕм 4
4
Хӕзна — ӕлыг мигӕнӕнты
1Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. 2Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, сӕ худинаггагмӕ гӕсгӕ кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы Дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.#Хъуыд 23:9; 2 Кор 2:17. 3Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы Фарны Уац кӕд искӕмӕн нӕу ӕргом, уӕд — сӕфты къахыл лӕуджытӕн.#1 Кор 1:18. 4Ацы дунейы хуыцау#4:4 Ацы дунейы хуыцау — сайтан. уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.#Ин 14:9; Кол 1:15; Дзут 1:3. 5Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.#1 Кор 2:2; 3:5. 6Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.#1 Пет 2:9.
7Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.#1 Кор 2:5; 2 Кор 3:5. 8Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты; 9ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ӕрыссӕндынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм. 10Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр.#Гал 6:17. 11Уымӕн ӕмӕ мах, удӕгӕстӕ, Йесойы сӕраппонд иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты дзыхмӕ, цӕмӕй нӕ мӕлинаг буары йӕхи равдиса Йесойы цард дӕр.#Ром 8:17. 12Мӕлӕт нӕ цух нӕ уадзы, цӕмӕй сымах цӕрат.
13Сыгъдӕг Фыст афтӕ цы уырнындзинады тыххӕй зӕгъы: «Ӕз ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзырдтон», нӕ удмӕ дӕр уыцы уырнындзинад ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ дзурӕм. 14Мах зонӕм: Бардарӕг Йесойы Чи райгас кодта, Уый мах дӕр Йесоимӕ райгас кӕндзӕни ӕмӕ нӕ Йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕни уӕ фарсмӕ.#1 Кор 6:14; 1 Фес 1:10. 15Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.
Нӕ зӕххон цӕрӕнуат
16Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд не ’ддаг агъуд хӕррӕгъ кӕны, уӕд мидӕгӕй та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕнӕм.#1 Пет 3:4; Эф 3:16. 17Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.#Ром 8:18. 18Уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та у мыггагмӕ.#Дзут 11:1.
Currently Selected:
2 Коринфӕгтӕм 4: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: