1 Тимофеймӕ 2
2
Кувыны тыххӕй
1Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы, 2уыимӕ — паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй дӕр, цӕмӕй ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй кад ӕмӕ радимӕ цӕрӕм. 3Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн — 4фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.#2 Пет 3:9. 5Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти. 6Ӕппӕт адӕмы балхӕнынӕн Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, — афон кӕй ӕрцыд, уый нысанӕн. 7Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй.#Хъуыд 22:21; 2 Тим 1:11.
8Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.#Мт 6:14; Йак 1:6. 9Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,#1 Пет 3:3. 10фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй. 11Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕдзӕмӕй, иудадзыг коммӕгӕсӕй; 12нӕлгоймагӕн зонд амоныны ӕмӕ йыл ӕлдариуӕг кӕныны бар та йын нӕ дӕттын — уӕд ӕдзӕм.#1 Кор 14:34. 13Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та — Евӕйы. 14Сайд дӕр Адамыл не ’рцыд — сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын. 15Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.
Currently Selected:
1 Тимофеймӕ 2: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: