Захариа 4
4
1Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый ногӕй мӕ разы февзӕрдис ӕмӕ мӕ райхъал кодта, адӕймаджы йӕ фынӕйӕ куыд фехъал кӕнынц, афтӕ. 2Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы. 3Сойы кӕхцы фӕйнӕфарс — оливӕ бӕлӕстӕ: иу — йӕ рахизфарс, иннӕ — йӕ галиуфарс». 4Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы Зӕды бафарстон: «Уый цы у, ме ’лдар?» 5Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый мын загъта: «Нӕ йӕ зоныс, цы у?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар». 6Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
7О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»
8Дунедарӕг Мын загъта: 9«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. 10Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл». 11Уӕд ӕй ӕз бафарстон: «Цырагъдарӕнӕн йӕ галиу ӕмӕ йӕ рахизфарс цы оливӕ бӕлӕстӕ ис, уыдон та цы нысан кӕнынц?» 12Стӕй ма ноджы сфӕрӕзтон: «Цы амонынц, дыууӕ сыгъзӕрин хӕтӕлӕй сой цы бӕлӕстӕ уадзынц, уыдон та?» 13Уый мӕ бафарста: «Нӕ йӕ зоныс, цы сты, уый?» Ӕз дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар». 14Уӕд мын уый загъта: «Уыдон сты дыууӕ байсӕрсты, ӕгас зӕххы Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынц».
Currently Selected:
Захариа 4: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.