YouVersion Logo
Search Icon

Нымӕцтӕ 28

28
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
2«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.
3Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.
4Иу уӕрыкк-иу райсомӕй акусарт кӕн, иннӕ — дыууӕизӕрастӕу.
5Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.
6Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
7Йемӕ — сӕн: алы уӕрыккӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай; уаз бынаты-иу акал сӕн Дунедарӕгӕн.
8Иннӕ уӕрыччы та, сӕумӕрайсом цы хуымилиаг ӕмӕ сӕны хуын ӕрбахӕссат, ахӕмимӕ дыууӕизӕрастӕу акусарт кӕн арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
9Сабаты та — дыууӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы, семӕ — хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы сӕнимӕ.
10Уый — сабаты иууылсудзинаг, ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сӕнӕй уӕлдай.
11Уӕ мӕйноджы бӕрӕгбӕтты та-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн акусарт кӕнут дыууӕ ӕнӕсахъат уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты.
12Алы уӕныгимӕ — йӕ хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы; алы фыры хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаджы.
13Алы уӕрыккимӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
14Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.
15Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.
16Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.
17Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон дӕр — бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы донгонд гуылтӕ хӕрын ӕмбӕлы.
18Фыццаг бон — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.
19Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 20Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ цыппӕрӕймаджы — алы уӕныгимӕ, дыууӕ дӕсӕймаджы — фыримӕ, 21иу дӕсӕймаг — алы уӕрыккимӕ.
22Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.
23Ӕрвылбон кӕй хӕссут, сӕумӕрайсомы уыцы иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма-иу уыдон дӕр кӕнут.
24Афтӕ авд боны дӕргъы, алы бон дӕр, цӕттӕ кӕнут хойраг арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн; ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн.
25Ӕвдӕм бон та — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.
26Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.
27Ӕмӕ-иу ӕрхӕссут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд нӕлгуисты.
28Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — алы уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн, 29иу дӕсӕймаг — авд уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр.
30Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй.
31Ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хуымилиагӕй уӕлдай ма хӕссын хъӕуы ацы нывӕндтӕ сӕнимӕ.

Currently Selected:

Нымӕцтӕ 28: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

Video for Нымӕцтӕ 28