Наум 1
1
1Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.
2Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары. 3Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын. 4Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.
5Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
6Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
7Хӕларзӕрдӕ у Дунедарӕг, бӕллӕхы заман — ӕмбӕхсӕн. Йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдоны нӕ рох кӕны. 8Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!
9Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ цӕмӕн аразут? Ныццӕгъддзӕн уӕ, ӕмӕ знаг ногӕй нал сыстдзӕн.
10Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!
11Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!
12Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:
«Кӕд сын цӕдисонтӕ ис ӕмӕ ӕнӕнымӕц сты, уӕддӕр бабын уыдзысты ӕмӕ сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕу та, Иудей, кӕд ныронг хъизӕмарӕй мардтон, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн. 13Ӕз дын ныр де знӕгты ’фсондз ныссӕтдзынӕн, раппардзынӕн ӕй дӕ бӕрзӕйӕ, дӕ рӕхыстӕ дын арӕдувдзынӕн».
14Ниневи, дӕуӕн та Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн: дӕ мыггаг дын сыскъуындзынӕн. Дӕ хуыцауы хӕдзары цы джиппыуагъд хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ гуымирытӕ ис, уыдон дын ныззыгуым кӕндзынӕн, дӕу та, ницӕйаджы, ингӕны хай бакӕндзынӕн.
15Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.
Currently Selected:
Наум 1: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: