YouVersion Logo
Search Icon

Марк 3

3
1Йесо ногӕй бацыди синагогӕмӕ. Уым уыди, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг. 2Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной. 3Йесо, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Рахиз-ма адӕмы размӕ». 4Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой. 5Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис. 6Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсхӕцджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый фӕдыл.
7Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ денджызы ’рдӕм ацыди. Йӕ фӕдыл агуылф кодта тынг бирӕ адӕм — Галилей, Иудей, 8Йерусалим, Идумей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй. Тир ӕмӕ Сидоны алфамбылайӕ дӕр Ӕм адӕм къордтӕй цыдысты, Йӕ хъуыддӕгты кой Йын куы фехъуыстой, уӕд. 9Ӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарой, уымӕн ӕмӕ Йӕм адӕм ӕмгуылф кодтой. 10Уымӕн ӕмӕ Уый бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ Йӕм ныр алыхуызон рынчынтӕ сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй Йыл андзӕвой. 11Йесойы фенгӕйӕ-иу, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон Йӕ разы ӕрхаудтой ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» 12Фӕлӕ сын Йесо тызмӕгӕй, Чи у, уый дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта.
13Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ, кӕмӕ Йӕ фӕндыд, уыдонмӕ фӕсидти. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты. 14Уыдонӕй равзӕрста дыууадӕсы ӕмӕ сӕ рахуыдта апостолтӕ, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ 15ӕмӕ сын ратта дӕлимонтӕ сурыны бар. 16Снысан кодта дыууадӕс адӕймаджы: Симоны (радта йын ном «Петр»); 17Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны (радта сын ном «Боанергес», ома «Ӕрвнӕрды фырттӕ»); 18Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, Фаддейы, Симон Кананиты 19ӕмӕ Иудӕ Искариоты — фӕстӕдӕр Ӕй чи ауӕй кодта, уый.
20Йесо фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыди. Уый бӕрц адӕм та сӕм ӕрбамбырд ис, ӕмӕ сын къӕбӕр ахӕрыны фадат дӕр нал уыди. 21Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд. 22Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.
23Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны? 24Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй; 25хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа, уӕд фехӕлдзӕн. 26Уӕдӕ кӕд сайтан йӕхи ныхмӕ растад ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд уымӕн дӕр йӕ кӕрон ӕрцыд. 27Никӕй бон бауыдзӕни тыхджыны хӕдзармӕ бабырын ӕмӕ йӕ фӕкъахын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд. 28Ӕцӕг уын зӕгъын: адӕм цыфӕнды тӕригъӕд куы ракӕной ӕмӕ Хуыцауӕй цыфӕнды фауӕн ныхас куы зӕгъой — хатыр сын уыдзӕни. 29Фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн — уыцы тӕригъӕды тыххӕй мыггагмӕ азымджын фӕуыдзӕн».
30Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.
31Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ. Дуармӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ Йӕм бадзурын кодтой. 32Йӕ алыварс бадти бирӕ адӕм, афтӕмӕй Йын фехъусын кодтой: «Дӕ мад, Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ Дӕ хотӕ ӕдде лӕууынц, агурынц Дӕ». 33Йесо сӕ бафарста: «Чи сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ?» 34Ӕмӕ, Йӕ алыварс чи бадти, уыдоныл Йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ. 35Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн ӕфсымӕр, хо ӕмӕ мад».

Currently Selected:

Марк 3: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in