YouVersion Logo
Search Icon

Михей 4

4
1Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты. 2Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй. 3Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты. 4Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
5Ӕппӕт адӕмтӕ цӕрынц, сӕхи хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, мах та мыггагмӕ кад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. 6Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн къуылыхты, алырдӕм кӕй фӕсырдӕуыд ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕуыл ӕруагътон, уыцы адӕмы баиу кӕндзынӕн. 7Ӕз сӕвзардзынӕн къуылыхты ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард рӕтты кӕй ныххӕлиу кодтон, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм, ӕмӕ сын Дунедарӕг уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл. 8Дӕумӕ та, Мигдал-Эдер, Сионы чызджы хох, дӕ хицауы бартӕ раздӕхдзысты, Йерусалимы чызгмӕ раздӕхдзӕни йӕ паддзахдзинад.
9Уӕдӕ ныр цӕуыл фӕдис кӕныс? Ау, паддзах дын нӕй? Ӕви дын уынаффӕгӕнӕг нал ис, арӕг усау хъуырдухӕн цы кӕныс?
10Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн. 11Ӕнӕнымӕц адӕмтӕ сыстадысты дӕ ныхмӕ ӕмӕ дзурынц: «Уадз ӕмӕ фӕчъизи уа Сион, йӕ худинаг ын фенӕм!» 12Фӕлӕ уыдон Дунедарӕджы хъуыдытӕ нӕ зонынц, Йӕ уынаффӕ сын зындгонд нӕу. Куыристӕ мусы куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, уыйау сӕ ацы ран кӕй сӕмбырд кодта, уый не ’мбарынц. 13Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.

Currently Selected:

Михей 4: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in