YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 5

5
1Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, 2ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:
3Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
4Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.
5Тӕхудиаг сты сӕрныллӕгтӕ — зӕхх сӕ хай бауыдзӕн.
6Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
7Тӕхудиаг сты баронтӕ — Хуыцау сын сӕхицӕн дӕр ныббардзӕн.
8Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ — уыдон фендзысты Хуыцауы.
9Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ — Хуыцауы хъӕбултӕ сӕ схондзысты.
10Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
11Тӕхудиаг стут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ уыл алы даутӕ куы мысой, уӕд.
12Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.
13Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
14Сымах стут дунейы рухс. Хохы цъуппыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй. 15Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна. 16Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.
17Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ нӕ, — сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн. 18Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй иу дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн — ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн. 19Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл. 20Зӕгъын уын: уӕ рӕстад динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты рӕстадӕй уӕлдӕр куынӕ уа, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
21Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз. 22Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт. 23Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы бацӕуай ӕмӕ дӕм де ’фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг ис, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа, 24уӕд дӕ кувинӕгтӕ уым, нывондхӕссӕны раз, ныууадз, ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой бакӕн. 25Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой. 26Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: цы дарыс, уый цалынмӕ фӕстаг кодранты#5:26 Кодрант — лыстӕг згъӕр ӕхца Ромы. онг бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ.
27Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма хӕт». 28Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ. 29Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд. 30Дӕ рахиз къух дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты дӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.
31Афтӕ дӕр ма загъд уыди: «Йӕ усы чи ауадза, уый йын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд». 32Ӕз та уын зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чидӕриддӕр ауадза, уый йӕ хӕтыныл ӕфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.
33Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн». 34Ӕз та уын зӕгъын: сомы ма кӕнут ӕппындӕр — нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у; 35нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцойгӕнӕн у; нӕдӕр Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у. 36Мадӕр дӕ сӕрӕй сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу. 37Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ «о» уа, уӕ «нӕ» та — «нӕ»; уымӕй уӕлдай цы ис, уый та хӕйрӕгӕй у.
38Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Цӕстӕн — цӕст ӕмӕ дӕндагӕн — дӕндаг». 39Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар. 40Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр. 41Фӕндагыл дӕ йемӕ километр ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс чи фӕцӕуын кӕна, уыимӕ ма иу ахӕм ацу. 42Курӕгӕн ратт, ӕфстау агурӕгыл дӕхи ма атигъ кӕн.
43Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Уарз дӕ хионы ӕмӕ де сӕфт уын де знагӕй». 44Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. 45Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр. 46Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви? 47Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
48Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.

Currently Selected:

Матфей 5: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in