YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 22

22
1Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр: 2«Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи скодта, уыцы паддзахимӕ.
3Уый йӕ цагъарты хонӕг арвыста, фӕлӕ хуынд адӕмы чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд. 4Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.
5Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ. 6Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ амардтой.
7Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта. 8Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ, кӕй фӕхуыдтон, уыдон йӕ аккаг нӕ разындысты. 9Уӕдӕ ацӕут фӕндӕгты тигътӕм ӕмӕ кӕйдӕриддӕр фенат — чындзӕхсӕвмӕ сӕ ӕрхонут“. 10Цагъартӕ ацыдысты фӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлдысты, уыдоны ӕрхуыдтой — фыдзӕрдӕты дӕр ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмы дӕр. Ӕмӕ чындзӕхсӕвы фынгтӕ байдзаг сты адӕмӕй.
11Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд бафиппайдта, бӕрӕгбоны дарӕс кӕуыл нӕ уыди, ахӕм адӕймаджы 12ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис. 13Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“. 14Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та — чысыл».
15Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы исты ныхасӕй куыд ӕрцахсой, уый фӕдыл. 16Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс. 17Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
18Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут? 19Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар. 20Уӕд сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?»
21Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».
22Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.
23Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ, — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой:
24«Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.
25Махмӕ уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ӕрхаста, ӕнӕзӕнӕгӕй амард ӕмӕ йӕ ус баззади йе ’фсымӕрӕн. 26Афтӕ рауади сӕ хабар дыккаг ӕмӕ ӕртыккагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр, суанг ӕвдӕм ӕфсымӕры онг.
27Се ’ппӕты фӕстӕ сылгоймаг дӕр амарди. 28Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд уыцы авд ӕфсымӕрӕй уый кӕцыйы ус уыдзӕн? Се ’ппӕты бинойнаг дӕр куы уыд».
29Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонут. 30Уымӕн ӕмӕ мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн.
31Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
32„Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у».
33Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд дисы ӕфтыдысты Йӕ ахуырадыл.
34Йесо Йӕ ныхасӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты. 35Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта: 36«Ахуыргӕнӕг, Моисейы Ӕгъдауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?» 37Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. 38Уый у фыццаг ӕмӕ сӕйраг фӕдзӕхст. 39Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“.
40Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты ахуырад сырӕзтысты ацы дыууӕ фӕдзӕхсты бындурыл».
41Йесо, Йӕ алыварс цы фарисейтӕ ӕрбамбырд сты, уыдоны бафарста:
42«Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды». 43Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, йӕхӕдӕг Бардарӕг цӕмӕн хоны? Афтӕ куы дзуры: 44„Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“? 45Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
46Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп раттын никӕй бон баци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.

Currently Selected:

Матфей 22: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in