Матфей 21
21
1Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыди. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо фӕдзырдта дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ 2ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Уым уайтагъд ссардзыстут баст хӕрӕджы йӕ къӕлӕуимӕ. Суадзут сӕ ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбакӕнут. 3Исчи уӕм исты куы дзура, уӕд-иу дзуапп раттут, уыдон Бардарӕджы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайсахат ратдзысты».
4Ацы хабар ӕрцыди уымӕн, цӕмӕй сӕххӕст уа пехуымпары ныхас: 5«Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».
6Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ бакодтой, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: 7ӕркодтой хӕрӕджы ӕмӕ йӕ къӕлӕуы, сӕвӕрдтой сыл сӕ дарӕстӕ, ӕмӕ Йесо сӕ уӕлӕ сбадти.
8Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл байтыдтой сӕ дарӕстӕ, иннӕтӕ та бӕлӕсты къалиутӕ састой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ калдтой.
9Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»
10Йесо Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд, иууылдӕр кӕрӕдзийы фарстой: «Уый чи у?» 11Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
12Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.
13Ӕмӕ сын загъта: «Фыст у: „Мӕ Хӕдзар Мын кувӕн хӕдзар схондзысты“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
14Кувӕндоны Йӕм куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
15Сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы диссӕгтӕ куы федтой, стӕй, сывӕллӕттӕ Кувӕндоны «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ куыд хъӕр кӕнынц, уый, уӕд тынг смӕсты сты, 16ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»
17Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.
18Райсомӕй раджы сахармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо сыстонг. 19Фӕндаггӕрон федта иу легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыд. Сыфтӕртӕ йеддӕмӕ йыл куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл дыргъ мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуи бӕлас уайтагъд бахус ис.
20Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ дзырдтой: «Легъуи бӕлас уайтагъд куыд бахус ис?»
21Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куынӕ кӕнат, уӕд, Ӕз ацы легъуи бӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ бауыдзӕн уӕ бон: суанг мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, фӕхицӕн у зӕххӕй ӕмӕ денджызы дӕхи баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ уыдзӕн. 22Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».
23Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»
24Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын кӕд дзуапп раттат, уӕд уын зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый. 25Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын кӕмӕй лӕвӕрд уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд нӕ Уый бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ Иоанныл цӕуылнӕ баууӕндыдыстут?“ 26„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».
27Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ йӕ зонӕм». Йесо дӕр сын загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.
28Мӕнӕ ацы хабар та уӕм куыд кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Лӕг бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Лӕппу, ацу ӕмӕ абон сӕндоны бакус“. 29Уый йын дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды“. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудти йӕхиуыл ӕмӕ ацыди.
30Фыд йӕ иннӕ фыртмӕ дӕр ахӕм курдиатимӕ бацыд. Уый йын загъта: „Фӕцӕуын, ме ’лдар“, фӕлӕ нӕ ацыди.
31Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Ӕмӕ сын Йесо афтӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбай сылгоймӕгтӕ сымахӕй раздӕр бацӕудзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ. 32Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди, цӕмӕй уын раст фӕндаг бацамона, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не ’рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.
33Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.
34Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста. 35Уыдон ын йӕ цагъарты ӕрцахстой ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй амардтой.
36Арвыста сӕм ӕндӕр цагъарты — фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр, ӕмӕ та уыдонӕн дӕр афтӕ бакодтой.
37Ӕппынфӕстаг сӕм, уымӕй фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ, арвыста йӕ фырты. 38Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм“. 39Ӕрцахстой йӕ, сӕндоны ӕдде йӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ амардтой.
40Ныр сӕндоны хицау куы ’рцӕуа, уӕд цы бакӕндзӕни уыцы ӕххуырст кусджытӕн?»
41Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни фыдмардӕй, сӕндон та, афоныл ын йӕ сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕм кусджыты бар бакӕндзӕн».
42Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?
43Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.
44Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».
45Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, уыдоны кой кӕй кодта, уый.
46Ӕрцахсынмӕ Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.
Currently Selected:
Матфей 21: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.