Матфей 16
16
1Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ. 2Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн — арв сырх у“. 3Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон къӕвда уыдзӕн — арв сырх-сырхид ӕмӕ хъуынтъыз у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ, боныхъӕд иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын уӕ бон нӕу? 4Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
5Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы ахызтысты денджызы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ сӕ семӕ дзултӕ рахӕссын ферох ис. 6Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 7Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы». 8Йесо бамбӕрста, сӕ ныхас цӕуыл у, уый ӕмӕ сын загъта: «Лӕмӕгъуырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый кой цӕмӕн кӕнут? 9Ау, ницыма бамбӕрстат? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ис, уый, стӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат? 10Цыппар мин лӕгӕн авд дзулы куыд сфаг ис, уый та? Цал чыргъӕды байдзаг кодтат уӕд? 11Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд не ’мбарут? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 12Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта хойраджы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи хъахъхъӕныны тыххӕй.
13Филиппы бӕстӕм, Кесаримӕ, куы ӕрцыди Йесо, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕуыл нымайынц адӕм Мӕн, Адӕймаджы Фырты, Чи, дам, дӕн?» 14Уыдон Ын загътой: «Чи зӕгъы — Аргъауӕг Иоанн у, чи — Илийа, чи та — Йеремиа кӕнӕ пехуымпартӕй исчи». 15Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» 16Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». 17Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд. 18Зӕгъын дын: ды дӕ Петр#16:18 Петр бердзенаг ӕвзагыл амоны «дур»., ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты. 19Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар». 20Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй, Чырысти кӕй у, уый макӕмӕн дзурой.
21Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни. 22Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!» 23Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».
24Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. 25Уымӕн ӕмӕ, йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн. 26Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни? 27Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни. 28Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».
Currently Selected:
Матфей 16: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.