Матфей 14
14
1Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод#14:1 Тетрарх Ирод — Ирод Антипӕ, уыдис Галилей ӕмӕ Галаады (уыцы заман Галаад Хуынди Перейа) хицау н. д. а. 4-ӕм азӕй н. д. 39 азмӕ. фехъуыста Йесойы кой, 2ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Уый Аргъауӕг Иоанн у. Мӕрдтӕй райгас ӕмӕ диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».
3Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта. 4Уымӕн ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Нӕ дын ӕмбӕлы йемӕ цӕрын». 5Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. 6Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, 7ӕмӕ йын расомы кодта, цыдӕриддӕр дзы ракура, уый йын кӕй ратдзӕни. 8Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс». 9Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ, йӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта чызджы курдиат сӕххӕст кӕныны тыххӕй. 10Йӕ адӕмы арвыста Иоаннмӕ, цӕмӕй йын ахӕстоны йӕ сӕр акъуырой. 11Ӕмӕ йын йӕ сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахастой ӕмӕ йӕ чызгмӕ радтой, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ. 12Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ хабар радзырдтой Йесойӕн.
13Уый фехъусгӕйӕ, Йесо уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ йӕхи айста. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй Йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты. 14Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты. 15Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон ис. Ауадз адӕмы, уадз ӕмӕ хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». 16Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг». 17Уыдон та Йын загътой: «Ам махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис». 18Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут». 19Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл. 20Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис дыууадӕс чыргъӕды. 21Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕмы нымӕц та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыди фондз мины бӕрц.
22Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ. Йӕхӕдӕг уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ. 23Адӕмы куы ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди хибарӕй скувынмӕ ӕмӕ, куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыдис иунӕгӕй. 24Бӕлӕгъ та уӕдмӕ тынг адард ис былгӕронӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ. 25Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл къахӕй ӕрбацӕйцыд. 26Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ денджызыл къахӕй цӕугӕ куы федтой, уӕд фыр тӕссӕй ныхъхъӕр кодтой: «Уый ӕндӕрг у!» 27Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут». 28Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ Дӕм ӕз доныл къахӕй бацӕуон». 29Йесо йын загъта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм фӕцӕйцыди. 30Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» 31Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?» 32Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ дӕр банцади. 33Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».
34Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ. 35Уымы адӕм Йесойы куы базыдтой, уӕд фехъусын кодтой сӕ алфамбылайы цӕрджытӕн дӕр. Ӕрхастой Йӕм сӕ рынчынты иууылдӕр, 36ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.
Currently Selected:
Матфей 14: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.