Матфей 13
13
1Уыцы бон Йесо рацыди хӕдзарӕй ӕмӕ денджызы был ӕрбадти. 2Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон. 3Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта:
«Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди. 4Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой. 5Сыджыт фаг кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран дӕр дзы ӕрхауди, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕххы арф нӕ ацыдысты. 6Фӕлӕ хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын арф уидӕгтӕ нӕ уыди. 7Иу цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой. 8Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой тыллӕг: иутӕ — фондзыссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр. 9Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
10Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ӕмбисӕндтӕй сын цӕмӕн амоныс?» 11Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд. 12Кӕмӕ ис, уымӕн ноджы фылдӕр рардӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕм бирӕ уыдзӕнис; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр. 13Ӕмбисӕндтӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусгӕ кӕнынц, фӕлӕ ницы хъусынц ӕмӕ не ’мбарынц“. 14Растдӕр сыл ӕрцыди Исайайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. 15Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.
16Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ — уынгӕ чи кӕны, стӕй уӕ хъустӕ — хъусгӕ чи кӕны. 17Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджыты фӕндыди, сымах цы уынут, уыдӕттӕ фенын, фӕлӕ сӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уыдӕттӕ фехъусын, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой.
18Уӕдӕ байхъусут, хортауӕджы ӕмбисонд цы амоны, уымӕ. 19Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау. 20Дурджын ран цы байтыдӕуыд, уый та амоны, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ, цингӕнгӕ, чи айсы, ахӕм адӕймагмӕ. 21Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды. 22Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы. 23Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уый ӕнгӕс та сты, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ бамбары, уыдон; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда».
24Йесо ма сын ракодта ӕндӕр ӕмбисонд дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн. 25Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд йе знаг ӕрбацыд, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди. 26Мӕнӕу куы сзадис ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд мӕгъӕлда дӕр фӕзынди. 27Хуымы хицаумӕ бацыдысты йӕ цагъартӕ ӕмӕ йын загътой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уӕд дзы мӕгъӕлда кӕцӕй фӕзынди?“ 28Сӕ хицау сын дзуапп радта: „Уый бакодта знаг“. Цагъартӕ йӕ бафарстой: „Фӕнды дӕ, уӕд мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ сӕ барувдзыстӕм?“ 29Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ хъӕуы, мыййаг, мӕгъӕлдаимӕ мӕнӕуы ӕфсиртӕ дӕр куы стонат. 30Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хорӕфснайӕн афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: раздӕр уал мӕгъӕлдайы кой бакӕнут, бабӕттут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут, мӕнӕу та мын бафснайут мӕ хордоны“».
31Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. 32Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц».
33Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».
34Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн амыдта фӕсномыгӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта. 35Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».
36Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм бахатыдысты: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй». 37Ӕмӕ сын Йесо дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауӕг у Адӕймаджы Фырт. 38Хуым у дуне, хорз мыггаг — Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та — хӕйрӕджы байзӕддаг. 39Цы знаг ӕй байтыдта, уый у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та — зӕдтӕ. 40Уӕдӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ арты куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕни, дунейы кӕрон куы ӕрлӕууа, уӕд дӕр: 41Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты 42ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. 43Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
44Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыди, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы быдыр балхӕдта.
45Уӕларвон Паддзахад ма у, хорз дзындзытӕ чи агуры, уыцы сӕудӕджеры хуызӕн дӕр. 46Уый иу зынаргъ дзындздур куы ссардта, уӕд ацыдис, йӕ исбон иууылдӕр ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта.
47Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы ӕнгӕс дӕр. 48Хыз куы байдзаг ис, уӕд ӕй раластой былмӕ, стӕй ӕрбадтысты ӕмӕ кӕсӕгтӕн сӕ дзӕбӕхтӕ чыргъӕдты ӕрӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уыдон та акалдтой. 49Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй 50ӕмӕ сӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
51Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Бардарӕг». 52Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».
53Йесо ацы фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд рацыди уырдыгӕй. 54Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн синагогӕйы амыдта. Уыдон дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Кӕцӕй Йӕм ис ахӕм уӕлзонд ӕмӕ ахӕм хъару? 55Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты? 56Йӕ хотӕ дӕр иууылдӕр мӕнӕ ам не ’хсӕн не сты, ӕви? Уӕд Ын ӕппӕт адӕттӕ кӕцӕй сты?» 57Ӕмӕ Йыл не ’ууӕндыдысты.
Йесо сын загъта: «Йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ пехуымпар алкӕм дӕр кадджын вӕййы». 58Ӕмӕ уыцы ран, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бирӕ диссӕгтӕ нӕ равдыста.
Currently Selected:
Матфей 13: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: