Матфей 11
11
1Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн уыдӕттӕ бафӕдзӕхсыны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ сахарты дӕр адӕмӕн амона ӕмӕ сын Фарны Уац хъусын кӕна.
2Иоанн ахӕстоны, Чырысти цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста бафӕрсынмӕ: 3«Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» 4Йесо сын дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый: 5куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац. 6Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».
7Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо райдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз? 8Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц. 9Уӕдӕ сымах уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, уый пехуымпарӕй уӕлдӕр у. 10Иоанн у, афтӕ кӕй тыххӕй фыст ис: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг“. 11Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй стырдӕр нӕ уыди, фӕлӕ, Уӕларвон Паддзахады тӕккӕ къаддӕр чи у, уый дӕр Иоаннӕй стырдӕр у. 12Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц#11:12 Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахады ныхмӕ тох кӕнынц, ӕмӕ йӕм чи лӕбуры, уыдон архайынц йӕ бацахсыныл.. 13Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр Уӕларвон Паддзахады кой кодтой Иоанны размӕ. 14Ӕмӕ уӕ кӕд зонын фӕнды, уӕд Иоанн, ӕрцӕуинаг чи уыди, уыцы Илийа у. 15Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
16Фӕлӕ куыд рахонӕн ис ацы фӕлтӕры? Уыдон сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ се ’мбӕлттӕн афтӕ чи дзуры: 17„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“. 18Ӕрцыдис Иоанн, нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы уыдон зӕгъынц: „Хӕйрӕджджын у“. 19Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы уыдон зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. Фӕлӕ Хуыцауы Уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон сты Йӕ растгӕнӕг».
20Уый фӕстӕ Йесо уайдзӕф кӕнын райдыдта, фылдӕр диссӕгтӕ кӕм равдыста, фӕлӕ уӕддӕр чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы сахартӕн: 21«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой. 22Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. 23Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид. 24Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Содомы зӕххӕн дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕни».
25Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. 26О Мӕ Фыд! Дӕу афтӕ бафӕндыди. 27Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
28Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой. 29Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут. 30Уымӕн ӕмӕ ӕнцон хӕссӕн у Ме ’фсондз, ӕмӕ рог у Мӕ уаргъ».
Currently Selected:
Матфей 11: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: