YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 10

10
1Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ адӕмӕй сурой, дзӕбӕх кӕной ӕппӕт рынчынты ӕмӕ нӕфӕразгӕты.
2Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн, 3Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей, 4Симон Кананит#10:4 Кананит — ацы дзырд ӕмӕ арамейаг «зилот»-ӕн ис иу нысаниуӕг — иудейаг ӕгъдауыл ӕнувыд адӕймаг. ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.
5Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ, 6фӕлӕ ацӕут Израилы адӕмы дзӕгъӕл фыстӕм. 7Цӕут ӕмӕ хъусын кӕнут, Уӕларвон Паддзахад кӕй ӕрӕввахс ис, уыцы уац. 8Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут. 9Уемӕ ма райсут нӕдӕр сыгъзӕрин, нӕдӕр ӕвзист, нӕдӕр ӕрхуы уӕ роны бастӕй, 10нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ивӕн дарӕс, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ кусӕг уый аккаг у, цӕмӕй йын къӕбӕр бахӕрын кӕной.
11Цы сахар кӕнӕ цы хъӕумӕ бацӕуат, уым-иу фысымӕн бацагурут хӕрзном адӕймаджы, ӕмӕ-иу ӕм суанг уӕ рацӕуынмӕ баззайут. 12Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ-иу арфӕ ракӕнут: „Фарн ацы хӕдзары!“ 13Ӕмӕ хӕдзар уый аккаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни, науӕд уӕ фарн фӕстӕмӕ раздӕхдзӕни уӕхимӕ. 14Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна ӕмӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг. 15Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
16Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин. 17Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты. 18Мӕн тыххӕй уӕ хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм кӕндзысты, цӕмӕй Мын уыдон ӕмӕ муртаттӕгты раз уат ӕвдисӕнтӕ. 19Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ма тыхсут — цы зӕгъын хъӕуы, уый уын уайсахат рардӕуыдзӕн. 20Уымӕн ӕмӕ дзургӕ сымах нӕ кӕндзыстут, фӕлӕ сымах уылты дзурдзӕни уӕ Фыды Уд.
21Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни. 22Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут, фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн. 23Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
24Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу, цагъар — йӕ хицауӕй. 25Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?
26Уӕдӕ ма тӕрсут уе ’фхӕрджытӕй. Уымӕн ӕмӕ афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа. 27Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ, ӕмӕ уын уӕ хъусы сусӕгӕй цы бадзырдӕуа, уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕрттӕй. 28Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй. 29Дыууӕ сырддонцъиуы иу ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Фӕлӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕни. 30Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. 31Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах цыфӕнды бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.
32Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз. 33Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Ӕз дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.
34Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз Мемӕ фидыд нӕ, фӕлӕ цирхъ ӕрхастон. 35Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй „фырты йӕ фыдӕй, чызджы йӕ мадӕй, чындзы йе ’фсинӕй фӕхицӕн кӕнон: 36адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ суыдзысты йе знӕгтӕ“. 37Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу. 38Йӕ дзуар чи нӕ райса ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый Мӕн аккаг нӕу. 39Йӕ цард чи бахъахъхъӕна, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕни.
40Сымах чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны; Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы. 41Пехуымпары, пехуымпар кӕй у, уый тыххӕй чи суазӕг кӕна, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы пехуымпары аккаг хӕрзиуӕг. Рӕстгӕнӕджы, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый тыххӕй чи суазӕг кӕна, уымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы рӕстгӕнӕджы аккаг хӕрзиуӕг. 42Мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый тыххӕй ацы кӕстӕртӕй искӕцыйӕн ӕрмӕст уазал доны къус чи ратта, уый дӕр, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕни».

Currently Selected:

Матфей 10: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in