Малахиа 2
2
1Сауджынтӕ, мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: 2куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут. 3Уӕ мыггагыл уын хъоды бакӕндзынӕн, уӕ цӕсгӕмттыл уын, нывондӕн кӕй хӕссут, уӕ уыцы фосы фаджыс фӕкалдзынӕн, ӕмӕ уӕ йемӕ аппардзысты. 4Ӕмӕ уӕд, Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый кӕй ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ахӕм бардзырд уымӕн кӕй радтон, уый базондзыстут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 5Мӕ фидыды йын Ӕз балӕвар кодтон цард ӕмӕ амонд, ӕмӕ йын дыууӕ дӕр радтон, цӕмӕй Мын кад кӕна, Мӕ номы раз Мын аргъуыц кӕна, уый тыххӕй. 6Йӕ дзыхӕй хъуысти рӕстдзинады Ӕгъдау, сайӕн ныхас дзы никуы схауд, амондджын ӕмӕ рӕстудӕй Мын лӕггад кодта, бирӕты аздӕхта тӕригъӕдӕй. 7Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у. 8Фӕлӕ сымах уыцы фӕндагӕй азылдыстут, ӕмӕ бирӕты фӕрӕдийын кодтат, Ӕгъдауы домӕнтӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 9Мӕ фӕндагыл кӕй нӕ цыдыстут ӕмӕ Мын Ме ’гъдау кӕй сзыгъуыммӕ кодтат, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕппӕт адӕмы раз ӕрныллӕг ӕмӕ сӕлгъаг кӕндзынӕн.
10Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд? 11Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста. 12Уыдӕттӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уымӕн Дунедарӕг Израилы цатырты йӕ байзӕддӕгты иууылдӕр ныццӕгъддзӕн.
13Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй. 14Сымах зӕгъут: «Цӕй тыххӕй?» Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, ӕвзонгӕй дын чи уыд, дӕ уыцы ус ӕмӕ де ’хсӕн ӕвдисӕн ныллӕууыд, ды та йыл рацыдтӕ гадзрахатӕй, афтӕмӕй уый дӕ цардӕмбал у, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — де ’мкъай. 15Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд. 16Усы ауагъд мын ӕнӕуынон у, уый, адӕймаг йӕхи тыхмийӕ куы сӕгад кӕна, уымӕй уӕлдай нӕу, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Хъахъхъӕнут уӕ удтӕ ӕмӕ, гадзрахатӕй чи рацӕуы, ахӕмтӕ ма ут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
17Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»
Currently Selected:
Малахиа 2: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.