YouVersion Logo
Search Icon

Иудӕ 1

1
1Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Йаковы ӕфсымӕрӕй, — Фыд Хуыцауӕн уарзон ӕмӕ, Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм.
2Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕхӕй, Йӕ фарн ӕмӕ уарзтӕй.
3Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл банымадтон сымахмӕ ныффыссын, сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, мӕ фыстӕг уӕ ууыл тохмӕ куыд сразӕнгард кӕна, афтӕ. 4Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.
5Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.
6Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары. 7Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.
8Афтӕ уыцы сӕнттӕцӕгъдджытӕ дӕр: ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, Хуыцауы бартӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ уӕларвон тыхты ныхмӕ дзурынц. 9Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!» 10Адон та фауынц, цы нӕ зонынц, уый. Се ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, ӕнӕзонд цӕрӕгойтау, цы зонынц, уымӕй сӕхи сафынц. 11Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.
12Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ. 13Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.
14Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе ’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ, 15цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ». 16Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.
17Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый. 18Уыдон уын дзырдтой, зӕгъгӕ, рӕстӕджы кӕрон фӕзындзысты, сӕ ӕнӕхуыцау монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. 19Уыдон фӕхицӕнтӕ кӕнынц уырнджыты, кӕсынц сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ, Сыгъдӕг Уд сӕм нӕй.
20Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, 21фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ.
22Иутӕм, дызӕрдыггӕнджытӕм, кӕсут зӕрдӕхӕларӕй, 23иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.
24Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у, 25Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.

Currently Selected:

Иудӕ 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in