YouVersion Logo
Search Icon

Йеремиа 45

45
1Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:
2«Барух, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау дын афтӕ зӕгъы: 3-4„Ды хъарӕг кӕныс дӕхиуыл, Дунедарӕг мын мӕ хъизӕмӕрттыл маст бафтыдта, мӕ хъӕрзынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, зӕгъгӕ“.
Фӕлӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕхӕдӕг цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн мгас бӕстӕйы, цыдӕриддӕр ныссагътон, уыдон срӕдувдзынӕн. 5Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».

Currently Selected:

Йеремиа 45: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in