YouVersion Logo
Search Icon

Райдиан 26

26
1Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ. 2Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн. 3Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый. 4Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр — 5Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй». 6Афтӕмӕй Исаак баззади Герары.
7Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ. 8Фӕлӕ уым дзӕвгар рӕстӕг куы ацарди, уӕд иуахӕмы филистимаг паддзах Авимелех, рудзынгӕй кӕсгӕйӕ, Исаакы федта Ревеккӕимӕ хъазгӕ. 9Авимелех фӕдзырдта Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исаак ын дзуапп радта: «Уый тыххӕй мӕ куы амарой, уымӕй тарстӕн». 10Авимелех ын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Чысыл ма, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ фӕрӕдыдаид, ӕмӕ дӕу аххосӕй азымджын фӕуыдаиккам». 11Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕлгӕ нӕй».
12Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг. 13Исаакы исбон кодта фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ сси тынг бонджын лӕг. 14Уыйас бирӕ систы йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йе стурвос, стӕй йӕ цагъартӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ райдыдтой хӕлӕг кӕнын. 15Уӕдмӕ филистимӕгтӕ фехӕлдтой ӕмӕ сыджытӕй байдзаг кодтой, йӕ рӕстӕджы Исаакы фыд Авраамы цагъартӕ кӕй скъахтой, ӕппӕт уыцы цъайтӕ. 16Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».
17Исаак уырдыгӕй ацыди, Герары дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодта ӕмӕ уым баззади. 18Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.
19Иу хатт Исаакы цагъартӕ дӕлвӕзы къахтой, ӕмӕ дзы донгуырӕн разынди. 20Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы цъай схуыдта Есек. 21Уӕд скъахтой ӕндӕр цъай, фӕлӕ уый дӕр расайдта быцӕу, уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна. 22Исаак ацыди дарддӕр ӕмӕ ма скъахта иу цъай, ӕмӕ уый тыххӕй быцӕу ничиуал кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Реховот. Загъта: «Ныр нын Дунедарӕг радта парахат бынат, ӕмӕ сбирӕ уыдзыстӕм зӕххыл».
23Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ. 24Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн». 25Исаак уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы ном. Уыцы ран айтыгъта йӕ цатыр, ӕмӕ йӕ цагъартӕ райдыдтой цъай къахын.
26Иуахӕмы Исаакмӕ Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йӕ уынаффӕйы лӕг Ахузат ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихолимӕ. 27Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?» 28Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй. 29Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куынӕ бахъыгдӕрдтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».
30Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас кодтой. 31Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.
32Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъахджытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой. 33Исаак уыцы цъай схуыдта Шива Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.
34Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы. 35Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Исаак ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты масты хос.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion uses cookies to personalize your experience. By using our website, you accept our use of cookies as described in our Privacy Policy