Рацыд 8
8
1Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой. 2Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн. 3Нилы бӕз-бӕз кӕндзысты, донӕй рахиздзысты ӕмӕ дын дӕ галуанмӕ, дӕ уатмӕ бабырдзысты, дӕ сынтӕгмӕ дын схиздзысты. Дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хӕдзӕртты, уӕ пецтӕ ӕмӕ уӕ хыссӕйы арынгты байдзаг уыдзысты. 4Галхӕфсытӕй акъахдзӕфгӕнӕн нал уыдзӕн дӕхицӕн дӕр, дӕ адӕмӕн дӕр, дӕ дӕлдӕртӕн дӕр“».
5Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм ӕмӕ цадтӕм ӕмӕ галхӕфсыты Мысыры зӕхмӕ рахизын кӕна». 6Аарон Мысыры дӕттӕм февзыста, галхӕфсытӕ сурмӕ рабырыдысты ӕмӕ Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕрӕмбӕрзтой. 7Уӕд Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы Мысыры зӕхх галхӕфсытӕй байдзаг кодтой.
8Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ». 9Моисей дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз кувдзынӕн дӕу тыххӕй, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, фӕлӕ снысан кӕн, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзӕрттӕ дӕр цы рӕстӕгмӕ хъуамӕ ссыгъдӕг уой, уый. Галхӕфсытӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Нилы». 10«Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый. 11Галхӕфсытӕй ирвӕзт уыдзынӕ ды дӕр, дӕ галуан дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Уыдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы».
12Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа. 13Дунедарӕг Моисейы курдиат сӕххӕст кодта: галхӕфсытӕ ныххӕдмӕл сты хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты. 14Хӕфсыты мӕрдтӕй кӕритӕ амадтой, ӕмӕ се смагӕй бӕстӕ байдзаг ис.
15Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
16Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».
17Ӕмӕ афтӕ бакодтой: Аарон йӕ лӕдзӕгӕй февзыста, зӕххы рыг дзы ӕрцавта, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фос сасчыты бынӕй нал зындысты. Сасчытӕ фестади, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг уыдис, уый. 18Кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр бӕргӕ архайдтой сӕ кӕлӕнты руаджы дунейы рухсмӕ сасчытӕ рауадзын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр сасчыты бын фесты. 19Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта».
Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.
20Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой. 21Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй. 22Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн. 23Мӕ адӕмы Ӕз бахиздзынӕн фыдбылызӕй, дӕ адӕмы та — нӕ. Ацы хабар ӕрцӕудзӕни райсом“». 24Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.
25Уӕд фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн мах зӕххыл ӕрхӕссут нывӕндтӕ». 26Моисей йын дзуапп радта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, цы нывонд ӕрхӕссинаг стӕм, уый мысырӕгтӕ банымайдзысты ӕлгъагыл. Уыдоны цӕстыты раз куы ӕрхӕссӕм нӕ нывонд, уӕд нӕ дурты бын фӕкӕндзысты. 27Мах хъуамӕ ӕртӕ бонцауы бӕрц фӕцӕуӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ уыцы ран ӕрхӕссӕм нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, — Уый нын Йӕхӕдӕг куыд зӕгъа, афтӕ». 28Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!» 29Моисей йын дзуапп радта: «Дӕ разӕй куыддӕр рацӕуон, афтӕ скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ тӕккӕ райсом фервӕздзыстут дзынгатӕй — дӕхӕдӕг дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст нӕ мауал асайӕд фараон, ауадзӕд нӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
30Моисей рацыди фараонӕй ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. 31Дунедарӕг айста Моисейы куывд: фервӕзын кодта дзынгатӕй фараоны, йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ йӕ адӕмы. Иу дзынга дӕр нал баззади Мысыры. 32Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр ныддур кодта йӕ зӕрдӕ — нӕ та ауагъта израилӕгты.
Currently Selected:
Рацыд 8: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: