Рацыд 11
11
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ног бӕллӕх бафтаудзынӕн фараон ӕмӕ мысырӕгтыл, ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ фараон ауадздзӕн ардыгӕй. Уыимӕ уӕ хуымӕтӕджы уагъд нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ уӕ асурдзӕн ӕвӕстиатӕй. 2Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».
3Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.
4Моисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕмбисӕхсӕв Ӕз ацӕудзынӕн Мысыры астӕуты, 5ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр. 6Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ. 7Израилӕгтыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн — нӕдӕр сӕхиуыл, нӕдӕр сӕ фосыл. Уый, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг израилӕгтӕм, мысырӕгтӕй хъауджыдӕр, хъулон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый“.
8Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.
9Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараон уӕм нӕ хъусы: цӕмӕй Мысыры зӕххыл ноджы фӕфылдӕр уой Мӕ диссӕгтӕ, уый тыххӕй афтӕ хъӕуы». 10Бирӕ диссӕгтӕ фенын кодтой фараонӕн Моисей ӕмӕ Аарон, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй уый уӕддӕр нӕ састи ӕмӕ нӕ уагъта израилӕгты Мысырӕй.
Currently Selected:
Рацыд 11: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: