Рацыд 1
1
1Мысыры бӕстӕм Йаковимӕ, йӕ иннӕ ном — Израил, ӕрбацыдысты (алчи ӕд бинонтӕ) йӕ фырттӕ: 2Рувим, Симеон, Левий, Иудӕ, 3Иссахар, Зевулон, Бениамин, 4Дан, Неффалим, Гад, Асир. 5Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.
6Амард Йосеф, амардысты йе ’фсымӕртӕ, удӕгас ничиуал уыд сӕ фӕлтӕрӕй дӕр. 7Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.
8Уӕдмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах, Йосефы чи нӕ зыдта, ахӕм. 9Уый йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕсут-ма, израилӕгтӕ куыд сбирӕ сты! Хъомысӕй дӕр ныл уӕлахиз кӕнынц. 10Исты ӕрхъуыды хъӕуы, цӕмӕй бынтон ма ныббирӕ уой, уый тыххӕй. Науӕд, хӕст райдыдта, зӕгъгӕ, уӕд нӕ фыдгултимӕ баиу уыдзысты, нӕ ныхмӕ ралӕудзысты ӕмӕ сӕхи айсдзысты нӕ бӕстӕй».
11Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес. 12Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты 13ӕмӕ сын ноджы карздӕр фыдӕбӕттӕ ӕвзарын кодтой. 14Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.
15Мысыры паддзах фӕдзырдта дзуттаг ӕвгъӕдгӕс устытӕм, сӕ иуы ном — Шифра, иннӕйы ном — Пуа, 16ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».
17Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты. 18Паддзах сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ноггуырд лӕппуты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?» 19Ӕвгъӕдгӕстӕ фараонӕн загътой: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕ мысырӕгты хуызӕн не сты. Уыдон хъӕддых сты — ӕвгъӕдгӕс нӕма бахӕццӕ вӕййы, афтӕмӕй сӕ сывӕллон гуырд вӕййы».
20Израилӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой. Хуыцау Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта ӕвгъӕдгӕс устыты. 21Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын зӕнӕгӕй амонд радта.
22Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».
Currently Selected:
Рацыд 1: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.