Амос 7
7
1Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: фӕззыгон кӕрдӕг куы сцӕйзад ӕмӕ паддзахы хуымтӕ карст куы ’рцыдысты, уӕд Уый фӕзынын кодта мӕтыхтӕ. 2Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у». 3Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг.
4Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: Дунедарӕг Хуыцау арт ссыгъта, ӕмӕ уый стыр денджыз ӕмӕ зӕххы хай аныхъуырдта. 5Ӕз Ӕм скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Бауром ацы бӕллӕх! Куыд аирвӕздзӕн Йаков! Тынг гыццыл куы у». 6Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг.
7Уый мын ноджы фенын кодта ахӕм ныв: уырдыг сисы сӕрыл лӕууыди Бардарӕг, Йӕ къухы — ауыгъд зды. 8Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы астӕу, ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн. 9Исаакы уаз къуыппытӕ ныддӕрӕн кӕндзынӕн, Израилы кувӕндӕттӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты, Ӕз кардимӕ Йеровоамы байзӕддӕгты ныхмӕ сыстдзынӕн».
10Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ. 11Амос зӕгъы: „Йеровоамы хъамайы цӕфӕй амардзысты, израилӕгты ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты“».
12Ӕмӕ Амациа загъта Амосӕн: «Пехуымпар, ардыгӕй Иудӕйы зӕхмӕ ацу, уым дӕхицӕн къӕбӕрваг кус ӕмӕ уыцы ран пехуымпариуӕг кӕн. 13Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у». 14Амос Амациайӕн дзуапп радта: «Ӕз нӕ дӕн нӕдӕр пехуымпар, нӕдӕр — пехуымпары фырт. Ӕз уыдтӕн фыййау ӕмӕ зылдтӕн сикомортӕм. 15Фӕлӕ мын Дунедарӕг фысты рӕгъау ныууадзын кодта ӕмӕ загъта: „Ацу ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн мӕ адӕмӕн, Израилӕн“. 16Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ. 17Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».
Currently Selected:
Амос 7: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.