1
Филиппӕгтӕм 1:6
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.
Compare
Explore Филиппӕгтӕм 1:6
2
Филиппӕгтӕм 1:9-10
Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад, цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау
Explore Филиппӕгтӕм 1:9-10
3
Филиппӕгтӕм 1:21
Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт — ме ’фтиаг.
Explore Филиппӕгтӕм 1:21
4
Филиппӕгтӕм 1:3
Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.
Explore Филиппӕгтӕм 1:3
5
Филиппӕгтӕм 1:27
Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл
Explore Филиппӕгтӕм 1:27
6
Филиппӕгтӕм 1:20
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.
Explore Филиппӕгтӕм 1:20
7
Филиппӕгтӕм 1:29
Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.
Explore Филиппӕгтӕм 1:29
Home
Bible
Plans
Videos