Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг. Ӕхсырӕй чи цӕры, уый растӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у.