1
2 Фессалоникӕгтӕм 2:3
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.
Compare
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3
2
2 Фессалоникӕгтӕм 2:13
Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:13
3
2 Фессалоникӕгтӕм 2:4
Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:4
4
2 Фессалоникӕгтӕм 2:16-17
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:16-17
5
2 Фессалоникӕгтӕм 2:11
Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:11
6
2 Фессалоникӕгтӕм 2:9-10
Фыдгӕнӕджы ӕрцыд сайтаны арӕзт хъуыддаг у, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн алыхуызон бӕлвырд нысантӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгты руаджы. Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфты къахыл лӕуджыты — уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:9-10
7
2 Фессалоникӕгтӕм 2:7
Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ, йӕ фӕндаг ын чи ӕхгӕны, уый ацӕуа.
Explore 2 Фессалоникӕгтӕм 2:7
Home
Bible
Plans
Videos