1
1 Фессалоникӕгтӕм 5:16-18
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Цин кӕнут кӕддӕриддӕр. Кувут иудадзыг. Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Compare
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:16-18
2
1 Фессалоникӕгтӕм 5:23-24
Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ. Уӕ Хонӕг иузӕрдион у, ӕмӕ Уый сараздзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:23-24
3
1 Фессалоникӕгтӕм 5:15
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:15
4
1 Фессалоникӕгтӕм 5:11
Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:11
5
1 Фессалоникӕгтӕм 5:14
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14
6
1 Фессалоникӕгтӕм 5:9
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста Йӕ фыдӕх ныл бафтауынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы фервӕзынмӕ.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:9
7
1 Фессалоникӕгтӕм 5:5
Уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр рухсы, стӕй боны хъӕбултӕ стут. Махӕн ӕхсӕв ӕмӕ талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис.
Explore 1 Фессалоникӕгтӕм 5:5
Home
Bible
Plans
Videos