Уымӕн сӕ ныууагъта Хуыцау ӕлгъаг монцты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй. Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр, сылгоймагимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдауыл сӕ къух сисгӕйӕ, мондаг кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц нӕлгоймӕгтимӕ, сӕ хӕлды аккаг ӕфхӕрдмӕ тырнынц. Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.