«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн. Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».