1
Нымӕцтӕ 20:12
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».
Compare
Explore Нымӕцтӕ 20:12
2
Нымӕцтӕ 20:8
«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».
Explore Нымӕцтӕ 20:8
3
Нымӕцтӕ 20:11
Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд.
Explore Нымӕцтӕ 20:11
4
Нымӕцтӕ 20:10
Ӕрбамбырд кодтой Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы размӕ, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ӕнӕсӕттонтӕ! Ау, ныр уын хъуамӕ мӕнӕ ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?»
Explore Нымӕцтӕ 20:10
Home
Bible
Plans
Videos