1
Нымӕцтӕ 13:30
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».
Compare
Explore Нымӕцтӕ 13:30
2
Нымӕцтӕ 13:33
Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.
Explore Нымӕцтӕ 13:33
3
Нымӕцтӕ 13:31
Моисейы алыварс цы адӕм уыд, уыдоны Калев разӕнгард кодта: «Цом ӕмӕ нӕхи бакӕнӕм уыцы бӕстӕ! Фӕтых сыл уыдзыстӕм!»
Explore Нымӕцтӕ 13:31
4
Нымӕцтӕ 13:32
Фӕлӕ, уырдӕм йемӕ цы лӕгтӕ ацыд, уыдон дзырдтой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ мах ницы бакӕндзыстӕм, уыдон махӕй тыхджындӕр сты!»
Explore Нымӕцтӕ 13:32
5
Нымӕцтӕ 13:27
Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.
Explore Нымӕцтӕ 13:27
6
Нымӕцтӕ 13:28
Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.
Explore Нымӕцтӕ 13:28
7
Нымӕцтӕ 13:29
Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм.
Explore Нымӕцтӕ 13:29
8
Нымӕцтӕ 13:26
Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.
Explore Нымӕцтӕ 13:26
Home
Bible
Plans
Videos