1
Матфей 7:7
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.
Compare
Explore Матфей 7:7
2
Матфей 7:8
Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн дуар байгом вӕййы.
Explore Матфей 7:8
3
Матфей 7:24
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.
Explore Матфей 7:24
4
Матфей 7:12
Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.
Explore Матфей 7:12
5
Матфей 7:14
Уынгӕг у, цардмӕ чи кӕны, уыцы кулдуар ӕмӕ нарӕг у фӕндаг; чи сӕ ссары, уыдон бирӕ не сты.
Explore Матфей 7:14
6
Матфей 7:13
Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис.
Explore Матфей 7:13
7
Матфей 7:11
Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы куры, уыдонӕн!
Explore Матфей 7:11
8
Матфей 7:1-2
Иннӕтӕн тӕрхонгӕнӕг ма ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Explore Матфей 7:1-2
9
Матфей 7:26
Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.
Explore Матфей 7:26
10
Матфей 7:3-4
Де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ цы кӕсыс, дӕхи цӕсты къала бӕлас куы нӕ фиппайыс, уӕд? Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд?
Explore Матфей 7:3-4
11
Матфей 7:15-16
Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй. Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?
Explore Матфей 7:15-16
12
Матфей 7:17
Уӕдӕ афтӕ: хорз бӕласыл хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та — ӕвзӕр.
Explore Матфей 7:17
13
Матфей 7:18
Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ ратдзӕн, низджын бӕлас та — хорз дыргъ.
Explore Матфей 7:18
14
Матфей 7:19
Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.
Explore Матфей 7:19
Home
Bible
Plans
Videos