1
Матфей 15:18-19
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.
Compare
Explore Матфей 15:18-19
2
Матфей 15:11
Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
Explore Матфей 15:11
3
Матфей 15:8-9
„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цытӕ амонынц, уыдон сты адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ“».
Explore Матфей 15:8-9
4
Матфей 15:28
Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Сылгоймаг, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ чызг уайтагъд сдзӕбӕх.
Explore Матфей 15:28
5
Матфей 15:25-27
Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыди, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын». Сылгоймаг та загъта: «Уый афтӕ у, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон».
Explore Матфей 15:25-27
Home
Bible
Plans
Videos