Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый. Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын.