Ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз сӕ уыцы бон скӕндзынӕн мӕ зынаргъ исбон ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, йӕ уыцы фыртӕн куыд батӕригъӕд кӕны, афтӕ. Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.