1
Нуны фырт Йешуа 1:9
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Compare
Explore Нуны фырт Йешуа 1:9
2
Нуны фырт Йешуа 1:8
Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:8
3
Нуны фырт Йешуа 1:7
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:7
4
Нуны фырт Йешуа 1:5
Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:5
5
Нуны фырт Йешуа 1:6
Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй!
Explore Нуны фырт Йешуа 1:6
6
Нуны фырт Йешуа 1:3
Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы бынӕттӕ иууылдӕр Ӕз лӕвар кӕнын сымахӕн, Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:3
7
Нуны фырт Йешуа 1:2
«Мӕ цагъар Моисей амарди. Ныр бавдӕл ӕмӕ Израилы адӕмимӕ, Иорданы фале сын цы зӕхх дӕттын, уырдӕм бахиз.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:2
8
Нуны фырт Йешуа 1:1
Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта
Explore Нуны фырт Йешуа 1:1
9
Нуны фырт Йешуа 1:4
Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ.
Explore Нуны фырт Йешуа 1:4
10
Нуны фырт Йешуа 1:18
Дӕ бардзырдтӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕм дын чи нӕ хъуса, чи нӕ сӕ ӕххӕст кӕна, уый-иу мард ӕрцӕуӕд. Ӕрмӕст нын дӕхӕдӕг макуы фӕцуд, фидар лӕуу!»
Explore Нуны фырт Йешуа 1:18
11
Нуны фырт Йешуа 1:11
цӕмӕй рӕсӕнуатыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн зӕгъой: «Уӕхицӕн фӕндаггаг хӕлц ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахиздзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уый байсынмӕ».
Explore Нуны фырт Йешуа 1:11
Home
Bible
Plans
Videos