Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.