«Дунедарӕджы номӕй нын ды цытӕ дзурыс, уыдӕттӕм нӕ хъусдзыстӕм. Мах нӕ сомытӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, нӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ фӕтӕгтӕ раздӕр Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты куыд кодтой, афтӕ. Уыцы заман мах уыдыстӕм ӕфсӕст ӕмӕ амондджын, фыдбылыз цы у, уый нӕ зыдтам.