Ӕмӕ ныр Дунедарӕг, рагацау цы загъта, уый сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут. Йӕ ныхасмӕ Йын нӕ хъуыстат ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ уый тыххӕй бавзӕрстат. Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».