1
Йаков 3:17
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.
Compare
Explore Йаков 3:17
2
Йаков 3:13
Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй.
Explore Йаков 3:13
3
Йаков 3:18
Уыцы дыргътӕ сты, фарнимӕ чи тауы, уыцы фидауынгӕнджыты рӕстады мыггагӕй.
Explore Йаков 3:18
4
Йаков 3:16
Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.
Explore Йаков 3:16
5
Йаков 3:9-10
Дунедарӕгӕн, нӕ Фыдӕн, цы ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм, уыцы ӕвзагӕй ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр. Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.
Explore Йаков 3:9-10
6
Йаков 3:6
Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.
Explore Йаков 3:6
7
Йаков 3:8
Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕй бон у. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй йемыдзаг.
Explore Йаков 3:8
8
Йаков 3:1
Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.
Explore Йаков 3:1
Home
Bible
Plans
Videos